Бæрæгбæттæ æмæ сæрмагонд бонтæ
Цаутæ
- 922 — Волгæйы Булгари бæрæг кодта пысылмон динмæ бацæуыны официалон церемони. Ислам сси уыцы бæстæйы паддзахадон дин.
- 1373 — Англис æмæ Португали бафыстой цæдисон бадзырд.
- 1934 — Фашистон рæздзогтæ Гитлер æмæ Муссолини фембалдысты Венецийы.
- 1937 — Алексей Толстой газет «Известия»-йæн телефонæй радзуры статья «Фыдыбæстæ!» (уырыс. Родина) троцкистон-бухаринаг къордæн (Тухачевский, Якир æмæ æндæртæ) тæрхон рахæссыны фæдыл. Фыссæг зæгъта: «Знæг базонынмæ бирæ ныхæстæ мæ нæ бахъæудзæн. Йæ цæстыты æцæгæлон æрттывдæй йæ базондзынæн».
- 1941 — 13 июнæй 14 июнмæ æхсæв Латви, Литва æмæ Эстонийæ байдыдтой адæм Сыбырмæ ласын, æдæппæт 130 мин адæймагæй фылдæр. 14 июны уыцы паддзахæдтæ бæрæг кæнынц куыд Коммунистон репресситы амæттæгты мысæн бон.
- 1948 — Бирмæ фехъусын кодта, коммунизм аразын кæй райдыдта, уый.
- 1958 — Китайы скуыста фыццаг эксперименталон аппон реактор.
- 1961 — Калугæйы Юрий Гагарин сæвæрдта фыццаг дур дунейы фыццаг Космонавтикæйы музейы фундаментмæ.
Ацы бон райгуырдысты
- 1773 — Томас Юнг (Thomas Young) (ам. 1829), англисаг физик, дохтыр æмæ астроном, рухсы уылæнон теорийы бындурæвæрджытæй иу.
- 1812 — Измаил Срезневский (ам. 1880), филолог-славист, этнограф, академик.
- 1831 — Джеймс Клерк Максвелл (James Clerk Maxwell) (ам. 1879), шотландиаг физик, электромагнитон фæзы теорийы сфæлдисæг.
Ацы бон амардысты
This article uses material from the Wikipedia Иронау article 13 июны, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.