Ил Хъарс

Хъарс (тур.

Провинци
Хъарс
тур. Kars
Ил Хъарс
HGЯO
Паддзахад Турк Турк
Админ. центр Хъарс
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 9442 км²
Сахатон таг TRT (UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 253 403 ад. (2021)
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 TR-36
Телефонон код 474
Посты индекст 36000–36999
Автомобилон код 36
Официалон сайт
Хъарс картæйыл
Хъарс картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

1807-æм азы Уæрæсейы æфсад фыццаг хатт бабырста Хъарсмæ. XIX æнусы дæргъы уыди цалдæр ахæм цауы, æмæ 1878-æм азы, Сан-Стефанойы бадзырдмæ гæсгæ, сахар Хъарс æд алфамбылай зæххытæ сси Уæрæсейы империйы Хъарсы облæсты сæйраг сахар.

Уый фæстиуæгæн 1878-1881 азты 82 минæй фылдæр пысылмон уырнджытæ ралыгъдысты мидæггаг Туркмæ, уыдонæй 11 мины бæрц Хъарсы сахарæй. Уыцы иу рæстæг бирæ грекъæгтæ æмæ сомихæгтæ æрбалыгъди сахармæ Османты импери æмæ Фæскавказæй. 1892-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Хъарсы облæсты цардысты: уырыссæгтæ (7%), грекъæгтæ (13,5%), курдæгтæ (15%), сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), карапапахæгтæ (азербайджайнæгтæм хæстæг этникон къорд; 14%) æмæ туркменæгтæ (5%). Уырыссаг æрбалидзджыты ’хсæн удимингай малакантæ æмæ духобортæ, уый тыххæй æмæ сæ пехуымпартæм гæсгæ Арараты алфамбылай, дам, сæвзæрдзæн ног адæймагад.

Уæрæсейаг дуджы Хъарсы сахар тынг райрæзтис: 1878-æм азы дзы цардис 8,7 мин адæймаджы, 1914-æм азы та — 54 мин (ома уæды Дзæуджыхъæуы æмиас уыди).

1918-æм азы мартъийы, Брест-Литовсчы фидыдмæ гæсгæ, Уæрæсе Османты империмæ фæстæмæ радта Хъарс, Батум æмæ Ардаган. Фæлæ уæдмæ Хъарсы æцæг тыхы уыдысты сомихаг æмæ уырыссаг æфсад. Туркæгты къухы бафтыдис Хъарс сæхицæн райсын 1918-æм азы апрелы, фæлæ уыцы азы октябры, бритайнаг æфсад хъуыддагмæ куы бацыд, сæ бахъуыд æй фæстæмæ радтын. 1919-æм азы Хъарс уыдис Сомихаг Республикæйы Вананды провинцийы сæйраг сахар.

1920-æм азы 30 октябры Хъарс бахаудис Турчы дæлбар, æмæ уæдæй фæстæмæ у уыцы паддзахады сконды. Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ Советон Цæдисы æддаг хъуыддæгты министр Вячеслав Молотов туркаг минæвармæ загъта, Хъарсы алфамбылай зæхх фæстæмæ раттын хъæуы, зæгъгæ. Дыууæ паддзахады гæрзджын быцæумæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой, фæлæ хæст не ’рцыдис, сахар баззадис Турчы сконды.

Фиппаинæгтæ


Tags:

ТуркТуркаг æвзагТурчы административон дих

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

АрсБаскаг æвзагДисней, УолтЛиссабонЛондонМарбургГорячий КлючБит27 мартъийыИудейАрубæТулдзБур денджызЗеланди (провинци)БристольЛаос14 мартъийы1809МанилæУзбекистанЕпископиОнтарио (провинци)Кувейт1229-æм азГродноКот-д'ИвуарМультипликациКаталонийы ХицауадКуманово1909-æм азТуттургъан (мыггаг)1970-тæУкраинаг æвзагМæйФырЭлязыгСтайыцармдарæгКонстантиновкæБерулаМасейоСнекъMercedes-BenzАхуырадТопикæ (Канзас)Сефеви, НаввабФидиуæг (музыкалон инструмент)1761-æм аз1960-тæГенуяХорватаг æвзагФранцÆфсæнвæндаг6 февралы.arБенинГагарин, Юрий Алексейы фыртКампалæМексикæВьетнамы хæстРигæЦæгаты Стыр хæстЦæгат Ирланди1938-æм аз5 декабры🡆 More