Хаджеты Таймураз

Хаджеты Таймураз (райгуырдис 1945-æм азы 1 мартъийы Ногхъæуы — амардис 1996-æм азы) уыдис ирон поэт, тæлмацгæнæг.

Хаджеты Таймураз
Хаджеты Таймураз
Гуырæн ном Джусойты Григорийы фырт Таймураз
Райгуырды датæ 1945-æм азы 1 мартъийы(1945-03-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1996
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Йе ’цæг ном у Джусойты Григорийы фырт Таймураз. У зындгонд ирон фыссæг æмæ литературæиртасæг Джусойты Нафийы кæстæр æфсымæр.

Цардафыст

Хаджеты Таймураз райгуырди 1945-æм азы 1 мартъийы Хуссар Ирыстоны Ногхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци 1964-æм азы Цхинвалы. Ахуыры фæстæ йæм фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Службæ кодта сахар Батумы, арæнгæсты хæйтты.

1968-æм азы Таймураз бацыдис Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæци 1972-æм азы.

Йе ’мдзæвгæтæ уагъд цыдысты куыд бынæттон, афтæ центрон периодикон мыхуыры, 1968-æм азæй. 1979-æм азы поэт сси ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнг. 1985-æм азы Хаджейы-фырт райдыдта кусын, Фæскомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомы цур æрыгон автортæн цы иугонд уыди, уымæн йæ сæргълæууæгæй.

Сфæлдыстад

Хаджеты Таймураз 
Æмбырдгонд «Фæсизæр»-ы цъар

Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Фараст барæджы» рухс федта 1973-æм азы азы Цхинвалы. Фæстæдæр ма рауагъта иу-авд чиныджы Цхинвалы, Дзæуджыхъæуы æмæ Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Йæ уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд «Фæсизæр» рацыди 1995-æм азы йæ 50 азы юбилеймæ Дзæуджыхъæуы.

Мæнæ ахæм аргъ скодта Таймуразы сфæлдыстадæн зындгонд ирон поэт æмæ публицист Хъодзаты Æхсар:

«Ныфсхаст къахдзæф æрбакодта Таймураз нæ литературæмæ. Йæ поэтикон хъæлæс ын фæхæццæгæнæн никæимæ ис, у оригиналон, аив, ныфсхаст, æнкъарæнтæй — дзаг. Йæ ахорæнтæ сты ног, ахадгæ, удæхцон». («Мах дуг», 2008, №2)

Тæлмацгæнæджы куыст

Зæрдиагæй архайдта поэт, æндæр адæмты сфæлдыстадимæ ирон чиныгкæсæджы базонгæ кæныныл дæр — тæлмац кодта дунейы æмæ Уæрæсейы поэтты уацмыстæ.

Æрвитæнтæ

Библиографи

Tags:

Хаджеты Таймураз ЦардафыстХаджеты Таймураз СфæлдыстадХаджеты Таймураз Тæлмацгæнæджы куыстХаджеты Таймураз ÆрвитæнтæХаджеты Таймураз БиблиографиХаджеты Таймураз1 мартъийы1945-æм аз1996-æм азИрон æвзагНогхъæу (Дзауы район)

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

МакасарНавашиноСоветон Цæдисы Коммунистон партиДиас, АдольфоКартоф1572АрктикæÆмткæй мидæг продуктБарадНигде (ил)Ног ОрлеанАгуыриОрёлы облæстГуанси-Чжуаны автономон районСофия1980-æм азХайдарабад (сахар, Инди)ХарбызВьетнамБитолæ2016-æм азКан (Норманди)Ухань1434-æм азРейган, РональдAndroidБангалорБолховБалыкчыНАТОИспаниПушкин, Александр Сергейы фыртПутин, Владимир Владимиры фыртХьюстонНарты кадджытæÆрыдоны семинарГуандунМексикæШэньсиСофи Эллис-БексторБурятиНорвегиХалонен, ТарьяРигæАльпæтæЧаморро, ВиолетæЗæрин ОрдаКафка, ФранцКулебакиМахатмæ ГандиФутболНыгуылæн ГерманКомиЗæххКрасногорскКитайЕреванПъамидор1872-æм аз1995-æм азОдессæТернополы облæстНайробиКиевы облæстXX æнусАрденнтæ (департамент)1957-æм аз1993-æм азБеларусьХуссар ИрыстонХъобаны хъазахъхъ1918-æм азУæллаг Вьеннæ🡆 More