Уырызмæг (дыгуронау Уорæзмæг, Урузмæг) у нарты кадджыты хъайтары ном, Æхсæртæг æмæ Дзерассæйы фырт, Хæмыцы фаззон æфсымæр.
Уырызмæг | |
---|---|
дыгур. Уорæзмæг, Урузмæг | |
Æрд | нæлгоймаг |
Династи | Æхсæртæггатæ |
Фыд | Æхсæртæг |
Мад | Дзерассæ |
Æфсымæр | Хæмыц |
Хо | Сатана |
Ус | Елда, Сатана |
Сывæллæттæ | Адухæ, Айсана, Уырызмæджы æнæном лæппу |
Уырызмæг — уынаффæйы лæг, мыггагон æгъдæуттæ уый хъахъхъæны.
Мæнæ куыд аргъ кæны Нигер Уырызмæгæн: «Нарты цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ, Нарты ’хсæн фæлмæн, фæлмаст лæг. Ничи дзы фехъусдзæн зыст ныхас, тызмæг дзырд, сонт дзырд: бирæ чи фæхатт, æнæсгæрст къуым кæмæн нал баззад, уыцы заманы дунейы, ахæм фенæг лæг; йæ зонд Нарты адæмæн хæлæг чи нæ кæны, Нарт Нарт уой, дæлдæр макæмæй уой тыхæй дæр æмæ æгъдауæй дæр, кадæй дæр æмæ радæй дæр, зæгъгæ, ууыл лæуд чи у; Нарты адæм кæмæ хъусынц — нæлгоймагæй, сылгоймагæй, стырæй, чысылæй, кад кæмæн кæнынц, æгъдау кæмæн дæттынц, ахæм зæронд лæг; хъуыддагыл лæмбынæг чи ахъуыды кæны, сайд кæуыл нæ цæуы, Нартмæ худинаг чи нæ уадзы йæ зонды фæрцы, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы Уырызмæг; йæ кæрдзындæттоны тыххæй æрдхæрæнæн чи баззад, Нарты кæрæдзимæ æнгом кæныны хъуыддаг йæ зонд æмæ йæ туджы арф бынат кæмæн ахсы, бинонты рæвдауæг, бинонтæм фæлмæн ныхасгæнæг чи у, уыцы Уырызмæг; Нарты знæгты ныхмæ фидарæй чи хæцы, Нарты адæмы разæй йæхи уды кой, йæхи бинонты кой чи нæ кæны, уыцы Уырызмæг».
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Уырызмæг, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.