Туг исын (тугисын, тугист) — маст исыны æгъдау марды, цæфы, чызг аскъæфыны æмæ æндæр æфхæрды тыххæй.
Ирон æхсæнады тугисын куыд коллективон хихъахъхъæныны хуыз æмæ мадзал, уыдис арæх æмбæлгæ цау.
Алы мыггаджы уæнгтæ дæр хъуамæ кæрæдзийæн æххуыс кодтаиккой, кæрæдзийы хъахъхъæдтаиккой, исчи-иу æндæр мыггæй искæй куы бафхæрдта, уæд-иу уыцы мыггаджы уæнгтæй алчи дæр уыцы хъуыддаг æнкъардта æмæ йæ зæрдæмæ хаста хи бафхæрды хуызæн. Ирон æгъдæутты æмбырдгонды (1836) фыстæуы:
Кæй амардæуы, уымæн йæ хæстæджытæй алкæуыл дæр æвæрд æрцæуы ахсджиаг хæс – марæгæй æмæ йæ хæстæджытæй æгъатырæй туг райсын. Уыцы хæс чи нæ сæххæст кæны, уымæ кæсы стыр худинаг, йæ бинонтæм æмæ ма суанг йæ мыггагмæ дæр — маст æмæ æфхæрд. |
Особайы заман ирон лæгæн амарын æмæ амæлын синонимтæ уыдысты: абон искæй маргæйæ, уый зыдта, йæхи дæр ын кæй амардзысты, райсом куы нæ уа, уæд иннæбон, кæнæ къуырийы фæстæ |
(Хетæгкаты Къоста, «Особа»).
Нырма-иу марды нæма бавæрдтой, афтæ-иу марæгыл кæуын байдыдтой. Хъæубæстæ тæфæрфæс кæнынмæ цыдысты сæ дыууæтæм дæр: марды бинонтæм дæр æмæ марæджы хæдзармæ дæр. Иу марды фæстæ-иу дыууæты ’рдыгæй дæр æрцыдис бирæ мæрдтæ. Бирæ ирон мыггæгтæ-иу дæсгай азты дæргъы туджджынтæй баззадысты, æмæ афтæмæй сæфтысты уыцы мыггæгты хуыздæртæ. Туг исыны цаутæ фæкъаддæр кæнынмæ тырнгæйæ, ирон æхсæнад æнусты дæргъы сфæлдыста бирæ æгъдæуттæ туг исыны хъуыддагæн кæрон скæныны тыххæй. Арæхдæр дзы æмбæлдысты: марæджы мыггаг-иу туджы аргъ бафыста; марæджы мыггаг-иу марды мыггагæй йæхицæн лæппу скодта; марæджы мыггагæй-иу туджы аргъы хуызы моймæ лæвæрдтой чызг æфхæрд баййафæг мыггагмæ; кæй-иу амардтой, уый мад-иу марæгæй йæхицæн лæппу скодта æмæ афтæ дарддæр.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Туг исын, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.