Сандрæ Элизабет Рулофс (нидерл.
2008-æм азы январæй ис æм дыууæ граждандзинады — нидерландаг æмæ гуырдзыстойнаг.
Сандрæ Рулофс | |
---|---|
Гуырæн ном | нидерл. Sandra Roelofs гуырдз. სანდრა რულოვსი |
Райгуырды датæ | 1968-æм азы 23 декабры (55 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | дипломат |
Æмкъай | Михаил Саакашвили |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Уæлдæр ахуыр райста фæсарæйнаг æвзæгты институты Брюсселы æмæ адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты Страсбурджы.
Михаил Саакашвилиимæ базонгæй ис 1993-æм азы, Страсбурджы, адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты, цыран касти курс «Адæймаджы бартæ». Фæстæдæр, уыцы азы, Сандрæ æрцарди Нью-Йорчы, цыран куыста Колумбийы университеты æмæ нидерландаг бартæхъахъхъæнæг фирмæйы.
1996-æм азы æрыгон бинонтæ æрцыдысты цæрынмæ Гуырдзыстонмæ. Уым Сандрæ куыста Сырх Кырысы Æхсæнадæмон комитеты æмæ Нидерландты къаролады консулады сахар Тбилисы.
1999–2003 азты Сандра Рулофс куыста францаг æвзаджы уазæг-лекторæй Тбилисы паддзахадон университеты. Йæ мадæлон нидерландаг æвзагæй уæлдай ма Сандра Рулофс зоны гуырдзиаг, францаг, англисаг, немыцаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.
Михаил Саакашвилийæ Сандрæйæн райгуырд дыууæ фырты: Эдуард æмæ Никъолоз.
Сандрæ Рулофс ныффыста, мыхуырæй 2005-æм азы чи рацыд, уыцы чиныг «Гуырдзыстоны фыццаг леди. Идеалисткæйы радзырд».
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Рулофс, Сандрæ, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.