Рагон Мысыр уыдис йæ дуджы тыхджындæр паддзахад, кæцыйæ баззадысты бирæ аив предметтæ.
Йæ истори райдыдта 3150 нæ эрæйы агъоммæ æмæ фæци нæ эрæйы агъоммæ 20-æм азы, ромæгтæ дзы куы бацыдысты, уæд.
Мысыр парахат кодта цæугæдон Нилы дæргъмæ дельтæйæ хуссарырдæм суанг ма ныры Суданы зæххытæм.
Мысыры экономикæ уыдис Нилы раивылдтытæй. Раивылды фæстæ-иу уымы мæр тынг хъæздыг уыдис. Уый фæрцы хоры хъæздыг тыллæг æфснайдтой, уыцы мулкæй та сарæзтой вазыгджын паддзахад.
Мысыры фæзындис иероглифтæй фыссынад. Арæзтой дзы диссаджы аргъуантæ, пирамидæтæ, цыртдзæвæнтæ. Паддзахад базар кодта бирæ æндæр адæмтимæ, уыдис ын тыхджын æфсад. Мысыры хицауиуæггæнджытæ зындгонд сты фараонты номæй.
Рагон Мысыры алыхуызон периодтæ сты:
Фæлдзæуæн периодтæ хонынц, бæстæмæ знæг куы лæбурдта кæнæ æндæр исты бæллæхæй паддзахад лæмæг куы кодта, ахæм рæстæджытæ.
Рагон Мысыры фыстой иероглифтæй, уый у дунейы рагондæр дыууæ фыссынадæй иу (æндæр у шумераг цуркфыст). Мысыры иероглифтæ уыдысты 500 бæрц, иу иероглиф нысан кодта иу дзырд, кæнæ та иу уæнг, кæнæ та æмыр детерминатив уыдис (ирддæр кодта йæ цуры æндæр иероглифты нысаниуæг). Иероглифтæ фыссын уыдис аивад.
Иероглифтæн фæзындис тагъддæр фыссынæн вариант, афтæ хуынд иератикон фыст. Уыцы фыстæй пайда кодтой, папирусыл куы фыстой, уæд. Фысгæ кодтой рахизырдыгæй галиуырдæм.
Фыссынад хуымæтæг адæмы хсæн парахат кæнын куы райдыдта, фæзындис йæ ног вариант дæр — демотикон фыст.
Коптаг алфавит у грекъаг алфавиты вариант, Мысыры фыссынады фæстаг къапхан. Мысыры нырыккон цæрджытæ та дзурынц æмæ фыссынц араббаг æвзагыл.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Рагон Мысыр, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.