Пчелина, Евгения Георгийы Чызг

Пчелина Евгения Георгийы чызг (1895—1972) — советон археолог æмæ кавказзонæг, Кавказы архитектурон бынтæ иртасæг.

Евгения Георгийы чызг Пчелина
Райгуырды датæ 1895
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1972
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз археологи[d], этнографи æмæ кавказзонынад
Альма-матер

Цардафыст

Райгуырдис Кутаисы, паддзахадон службæгæнæджы бинонтæн, йæ фыд уыд инæлар Бенедиктович Георгий Семёны фырт, йæ мад — абхазаг Шервашидзе Мария Александры чызг. 1914-æм азы ахуырмæ бацыдис Мæскуыйы арехологон институтмæ æмæ йæ каст фæци 1916-æм азы сыгъзæрин майданимæ. Йæ дипломон куыст уыди, сомихаг æмæ гуырдзиаг архитектурæ уырыссаг аразджытæн манголты бабырсты размæ цы тæваг дардта, уый тыххæй. 1917-æм азы ахуыр кæнын райдыдта МПУ-ы юридикон факультеты, 1915-æм азæй куыста алыхуызон музейты, 1920-32 куыста Мæскуыйы паддзахадон историон музейы.

Куыд ахуыргæнæг дæр стыр бавæрæн скодта зонадмæ: 1924-25 азты амыдта гуырдзиаг æвзаг Мæскуыйы скæсæнзонæны институты, 1930-32 музейты куысты кафедрæйы доцент Мæскуыйы музейты кусджыты зонындзинæдтæ уæллæгдæр кæныны институты. 1939-48 азты уыд Скæсæны хайады сæйраг зонадон кусæг Паддзахадон Эрмитажы. Музейы экспонатты фыццæг эшелонимæ ацыдис Свердловскмæ, уым хæстон рæстæджы дæр кодта зонадон куыст, фыста йæ кандидатон диссертаци æмæ йæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта 1944-æм азы.

Эрмитажмæ куы раздахтис, уæд адарддæр кодта йæ куыст Кавказы адæмты этнографи æмæ æвзæгты тыххæй, йæ докторы диссертаци бацæттæ кодта 1968-æм азы.

1952 азæй иста пенси. Йæ цардæй ахицæн Ленинграды 1972 азы.

Иртасæнтæ

Иртæста Фæскавказы архитектурæ, 1940-æм азы рауагъта Азербайджаны ССР-йы зæххытыл сомихаг аритектурæйы бынты тыххæй куыст.

Басгæрста Цæгат Ирыстоны алы ком дæр, фæлæ уæлдайдæр йæ хъус дардта Уæлладжыргоммæ. Нузалы аргъуан зæппæдзæй конд кæй у, уый фæнысан кодта, стæй та йæ быны ссардта хæстон ингæн, хуыдта уыцы амæддзаг XII-XIII æнусты ирон истори æмæ ирон-гуырдзиаг аххæстдзинæдты иунæг ратæдзæн. Цы ингæн ссардта, уый æнхъæл уыд Сослан-Дауыты ингæн (уый амардис 1207 азы), фæлæ иннæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ (уыдоны ’хсæн Абайты Васо дæр) Ос-Бæгъатыры ингæн у (уый амардис 1306 азы).

Фиппаинæгтæ

Литературæ

  • Калоев Б. А. Е. Г. Пчелина — учёный-кавказовед (рус.) // Этнографическое обозрение. — 2004. — № 3. — С. 98-111.
  • Чибиров Л. А. Научное наследие Е. Г. Пчелиной как образец междисциплинарного исследования // Известия СОИГСИ. — 2016. — Вып. 19 (58). — ISSN 2223-165X.

Tags:

Пчелина, Евгения Георгийы Чызг ЦардафыстПчелина, Евгения Георгийы Чызг ИртасæнтæПчелина, Евгения Георгийы Чызг ФиппаинæгтæПчелина, Евгения Георгийы Чызг ЛитературæПчелина, Евгения Георгийы ЧызгКавказКавказзонынад

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Москоу (Айдахо)1610-тæКъобСмоленсчы облæстЛермонтов, Михаил Юрийы фыртКиевПазарджичы облæст1979-æм азУкраинаг æвзагСевильяБонвæрнонКитайКировы облæстГибралтарМардантæБелградСæгъдуцæгДзуттаг адæмГудович, Иван Василийы фыртСæйраг фарсÆрыдоны районВладивостокМилан (провинци)Квинсленд1974-æм азКёльнБразилиБургундиТамилаг æвзагПортугалиBasshunterФонтенбло2015-æм азДзæуджыхъæуТаргимЧехиКельтаг æвзæгтæ1256Хъазахаг адæмФаулз, Джон РобертЧабæХъæддаг куыдзЖиронæСлавяйнæгтæКубæИрон æвзагГрекъаг адæмÆхсинæгАрсПольшæСхантæКитайаг адæмКоморовский, БрониславХæрзгæнæн импульс (преми)УырыссæгтæГандинагарОруэлл, ДжорджГоæ🡆 More