Осхъопила (гуырдз.
Раздæр, Октябры революцийы онг, уыцы ныхасæн уыди æндæр нысаниуæг, ацы дзырдæй пайда кодта Гуырдзиаг еклези, æмæ уый амыдта, гуырдзиаг аргъуанæй дзуарæфтыд чи уыдысты, ахæм ирæтты: гуырдзиаг аргъуанмæ гæсгæ йе ’ууæнк чырыстæттæ иууылдæр уыдысты гуырдзиæгтæ, аргъуанæн йæ иунæг æвзаг уыди гуырдзиаг, ирон адæм та уымæй чырыстоныл нымад нæ уыдысты, фæлæ «муртаккон» диныл хæст адæмыхаттыл.
Ныртæккæ ацы ныхасæй арæх пайда кæнынц ирæттæ сæхæдæг.
Ирæттæй рацæугæ иуæй-иу мыггæгтæ бынтон ассимиляцигонд сысты æмæ ныртæккæ нымад сты гуырдзиаг мыггæгтыл. Ахæм мыггæгтæй рацыдысты Советон Цæдисы разамонæг Иосиф Сталин æмæ «Цхинвалы диктатор» меньшевик Къоста Хъазишвили.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Осхъопила, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.