Номдар у, дзаума чи нысан кæны æмæ фарстатæн «чи? цы?» чи дзуапп дæтты, ахæм дзырдты хуыз (ныхасы хай).
Номдар у сæйраг лексикæйы категоритæй иу. Хъуыдыйады мидæг номдар фылдæр хатт вæййы сæйрат кæнæ æххæстæгæнæны ролы.
Номдар нысан кæны предмет уыцы дзырды уæрæх æмбарæны: дзауматæ (стъол, рудзынг), гоймæгтæ (сывæллон, ус), буаргъæдтæ (ссад, дон), цæрæгойтæ æмæ организмтæ (гæды, кæсаг, вирус), факттæ æмæ цаутæ (ныхас, зынгсирвæзт, æрхæндæг), миниуджытæ, архæйдтытæ, уавæртæ.
Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг нæмттæ сты, бирæ иумыггаг предметты нæмттæ чи нысан кæнынц, уыдон (гæды, тетрад). Сæрмагонд номдартæ сты, иугай предметты нæмттæ чи амонынц, уыдон (Мæскуы, Япон, Уырызмаг). Ирон, уырыссаг æмæ бирæ æндæр æвзæгты сæрмагонд нæмттæ фыссынц стыр дамгъæйæ.
Ирон æвзаджы номдар хицæн кæнынæн ис æрмæст семантикон æмæ синтаксикон бындур — грамматикæты фыссынц номы категорийы тыххæй. Иу дзырдæн, йæ хъуыдыйады ролмæ гæсгæ, ирон æвзаджы уавæн и миногон æмæ номдар:
Номдарæн ис грамматикон категоритæ, æвзагæй-æвзагмæ иухуызон не сты. Зæгъæм, ирон æвзаджы номдартæн ис нымæц æмæ хауæны категоритæ. Уырыссаг æвзаджы уыцы категориты йеддæмæ ис ма æрды категори дæр. Китайаг æвзаджы та нæдæр нымæцы категори, нæдæр хауæнтæ ис.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Номдар, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.