Найроби

Найро́би (англ.

æмæ суахили Nairobi) у Кенийы сæйраг сахар æмæ ацы бæстæйы стырдæр сахар цæрджыты нымæцмæ гæсгæ. Æдæппæт дзы цæрынц 4,4 милуан адæймаджы 2019-æм азы сфыстмæ гæсгæ, сахармæ хæстæг цы æндæр цæрæнрæттæ ис, уыдонимæ цæрджыты нымæц дæс милуанмæ схæццæ вæййы.

Сахар
Найроби
англ. æмæ суахили Nairobi
Найроби
Тырыса Герб
Тырыса Герб
HGЯO
Паддзахад Кени Кени
Провинци Найроби
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1899
Фæзуат 696 км²
Центры бæрзæнд 1161 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 5 545 000 ад. (2016)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +254 20
Найроби (Кени)
Найроби
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Найроби æрбынат кодта Кенийы хуссар-астæуккаг хай, лæууы денджызы æмвæзадæй 1795 метры бæрзæндыл (абарынæн Дзæуджыхъæу у уымæй мин метры дæлдæр). Бæрзондыл кæй лæууы, уый тыххæй йæ боныхъæд у ромыл, рæстæмбис температурæ у 22-26 градусы хъарм афæдзы алы мæй дæр. Апрел æмæ майы арæх фæуары къæвда.

Сахары бындур сæвæрдтой бритайнаг колонизатортæ 1899-æм азы, раздæр цъымара кæм уыд, ахæм бынаты, Угандæйы денджызырдæм æфсæнвæндаг куы аразтой, уæд. Тагъд рæстæджы сахар сси Момбасæйæ ахсджиагдæр æмæ Кенийы сæйраг сахары бынат бацахста 1907-æм азы.

Найроби у Африкæ æмæ æппæт дунейы ахсджиагдæр сахартæй иу. Уым ис Иугонд Нациты Организацийы дыууæ дæлхайады — UN Environment æмæ UNON (ИНО-йы Найробийы офис). Кусы дзы ахсджиаг биржæ NSE, Африкæйы цыппæрæм уæйты нымæцмæ гæсгæ. Найробийы кусынц цалдæр университеты, уыдонæй стырдæр æмæ зæронддæр у Найробийы университет, уым ахуыр кæнынц 80 мин студентæй фылдæр.

2021-æм азы Найробийæн радтой Африкæйы хуыздæр сахары кадджын ном.

Фиппаинæгтæ


Tags:

Æхсæнадæмон фонетикон алфавитАнглисаг æвзагКениСуахили

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

РиекæМачератæ (провинци)ЧестерУырызмæгАрцеуЯпойнаг æвзагАрденнтæ (департамент)АссиновскаяПави (сахар)СуатъисКэмерон, ДэвидКæхцгурæгФыццаг дунеон хæстСывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби»АрктикæУырыссаг æвзагМонцæЙесо Чырысти21 январыСловакиУæрæсейы империБайбурт (ил)ВайлеНомдарКоцойты Арсен12 февралы22 июныХæлуарæгБарастырЗæйгæлæн.рфИндонезиУæрæсеГрекъаг æвзагМысырБельгиНог ЗеландиДаттей сифæАртёмовск (Уæрæсе)ИнтернетТуркуСыгъзæринУæрæсейы Федерацийы социалон картæИлас ÆрнигонОктябрьИндуизмШахадæ1944-æм азДаниПарана (штат)Дыккаг дунеон хæстЛодиÆлыгКалгариХæринагУæтæратæЗалдаИрон1701-æм азСеулБонКомы дзуæрттæ🡆 More