Мандела, Нельсон

Нельсон Холилала Манде́ла (косæ Nelson Rolihlahla Mandela, ; райгуырдис 1918-æм азы 18 июлы, Мфезо, Умтатæйы цур — амардис 2013-æм азы 5 декабры, Йоханнесбурджы) у фыццаг саудзарм Хуссар Африкæйы президент (1994-æм азы 10 майы — 1999-æм азы 14 июны), адæймаджы барадыл тохгæнæг, Сабырдзинады Нобелы премийы лауреат 1993.

Нельсон Холилала Мандела
косæ Nelson Rolihlahla Mandela
Мандела, Нельсон
1994-æм азы 10 майы — 1999-æм азы 14 июны
Раздæр чи уыд Фредерик Виллем де Клерк[d]
Фæстæдæр Табо Мбеки[d]
1998-æм азы 2 сентябры — 1999
Раздæр чи уыд Андрес Пастрана Аранго[d]
Фæстæдæр Табо Мбеки[d]
Райгуырдис 1918-æм азы 18 июлы(1918-07-18)[…]
Амардис 2013-æм азы 5 декабры(2013-12-05)[…] (95 азы)
Ныгæныны бынат
Гуырæн ном косæ Rolihllahla Mandela
Фыд Гадла Генри Мфаканьисва[d]
Мад Носекени Фанни[d]
Æмкъай Эвелин Мандела[d], Винни Мандела[d] æмæ Граса Машел[d]
Сывæллæттæ Макгато Мандела[d], Маказиве Мандела[d], Зенани Мандела-Дламини[d], Тембекиле Мандела[d] æмæ Зиндзи Мандела[d]
Парти
Ахуырад
Дин методизм[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
Сайт nelsonmandela.org(афр.)(англ.)(косæ)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мандела райгуырдис Мвезойы, къаролы династийы бинонты ’хсæн. Йæ фыд уыд хъæухицау, фæлæ колониалон хицауад йæ æндæр бынатмæ ацæуын кодта. Æрыгон Мандела уыд, скъоламæ чи бацыдис, йæ æртындæс хотæ æмæ æфсымæрты ’хсæн фыццаг ахæм. Фæстæдæр ахуыр кодта гуманитарон зонæдтæ Форт-Хэры университеты (1939-æм азы уый уыдис, саудзарм студенттæ кæм ахуыр кодтой, иунæг ахæм университет æнæхъæн бæстæйы). Университет каст фæуын йæ къухы нæ бафтыд, студентты простестты хайад иста, æмæ уый тыххæй. Афæдзæй фылдæр куыста сызгъæринкъахæны Йоханнесбургмæ ’ввахс. Фæстæдæр юристæй кусын райдыдта æмæ фæсæууоны хайады райста бакалавры къапхан æмæ райдыдта барад ахуыр кæнын. Студентон царды базонгæ и, фæстæдæр аппартеиды ныхмæ чи тох кæндзысты, уыцы лæппутимæ (коммунист Джо Слово æмæ Германæй ралидзæг Гарри Шварц).

1944-æм азы бацыдис Африкæйы национ конгрессы партимæ (АНК). Манделайы архайдмæ стыр тæваг дардта, бирæ азты Хуссар Африкæйы чи фæцардис, уыцы зындгонд индиаг раздзог Махатмæ Ганди.

1961-æм азы Мандела АНК-ы хотыхджын хайады сæргъы слæууыдис, уый хуындис «нацийы æрц». Уыцы къорд байдыдта хицауад æмæ æфсады объекттæ рæмудзын. Срæмыгъд объектты ’хсæн уыдысты тæрхондонтæ, посты хайæдтæ, паспорты стъолтæ. 1962-æм азы Манделайы æрцæхстой æмæ стæрхон кодтой ахæстоны фондз азмæ. Ахæстоны куы бадтис, ног æххосæвæрд ын бахастой — æмæ, цы бирæ диверситæ бацæттæ кодта, уый тыххæй Манделайæн рахастой мæлæты тæрхон. Уыцы тæрхон 1964-æм азы аивтой царды дæргъы ахæстæй, ахæстоны фæбадтис æдæппæт авд æмæ ссæдз азы.

Йе ’мгъуыды 18 азы Мандела уыдис сакъадах Роббены ахастоны, 1964-æм азæй 1982-æм азы онг. Йемæ ахæсты чи уыдысты, куыстой чъырдур къахæны. Уыцы рæстæг Мандела сси æппæт дунейы зындгонд, уый фæсæууоны ахуыр кодта барад Лондоны университеты. 1985-æм азы Манделамæ бахъардтой йæ сæрибар аивын, тыхми кæй нал кæндзæнис, ахæм дзырд раттыныл. Уымæ Мандела дзуапп радта, бадзырдтæ аразæн, дам, æрмæстдæр сæрибар адæймагимæ ис.

1988-æм азæй Мандела уыд Виктор-Верстеры ахæстоны, йæ режим фæрогдæр и, фæзындис æм Гарри Шварц æмæ йæ иннæ æмбæлттимæ æмбæлыны бар.

1990-æм азы февралы Хуссар Африкæйы Республикæйы фæстаг урсдзарм президент слегализаци кодта АНК æмæ суагъд кодта Манделайы ахæстонæй. Мандела ногæй сси АНК-ы лидер æмæ 1994-æм азы майы сси ХАР-йы президент, уыцы бынаты уыдис 1999-æм азы онг. Йæ президентады æнтыстыты ’хсæн лæвар æнæниздзинад хъахъхъæнынад сывæллæттæн æмæ сывæрджын устытæн, нуазинаг донмæ бацæуæн, æнæмæнг ахуырад алы сывæллонæн дæр, æрзæткъахæнты æдасдзинады тыххæй ног закъон æмæ иннæтæ.

Нельсон Мандела амардис 95-аздзыдæй 2013-æм азы 5 декабры йæхи хæдзары Йоханнесбурджы горæтгæрон. Баныгæдтой йæ Цгунуйы хъæуы.

Йæ фæстæ ныууагъта 4 милуан доллæры бæрц бынтæ, уыдонæй стыр хай райстой Африкæйы национ конгресс, Манделайы мыггаджы фонд æмæ цыппар ахуырдоны.

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг


Tags:

14 июны1918-æм аз19931994-æм аз1999-æм аз2013-æм аз5 декабрыÆхсæнадæмон фонетикон алфавитЙоханнесбургХуссар Африкæйы Республикæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

2008-æм азВьетнамДаредзантæСоломоны сакъадæхтæУырыссаг адæм151-æм азАлани (ФК)1932-æм аз1963-æм аз1953-æм аз.usВентспилсНарты кадджытæБетъырбух1617-æм азСыхсыGoogle ChromeМæргътæПеру640-æм аз28 ноябрыГрекъ1733-æм аз1 апрелыРамсарВенесуэлæПъамидорПомориеЭстойнаг æвзагНьютон, ИсаакГербЕнакиевоТырысаХуссар НорвегиИрон ВикипедиХосгæнæгЛондонАпрель1863-æм азБелизХъиргъизЧехиУппсалæ (лен)СасчытæБенинИран (хъæу)Персы бакæлæнГазæ21 декабрыТуркЧырыстон динИнтернетКæсæгтæ16 январыСевлиевоСабыр фурдКубæХслитЭквадор1487-æм азЭр-РиядМаврикийЦхинвалПолитикæСогъдРезекне🡆 More