Ирæд

Ирæд (дыгур.

æруæд) у къайады ныхмæ исбон дæттыны æгъдау. Ирæд Ирыстоны уыдис Цæгат Кавказы æппæты стырдæртæй, XIX æнусы ирæд фыстой стыр æмæ лыстæг сыкъаджын фосæй. Сæ нымæц-иу хæццæ кодта дæсгæйттæм æмæ суанг фондзыссæдзгæйттæм дæр, ноджы лæвæрдтой зынаргъ дзаумæттæ, хъуамæ се ’хсæн æнæмæнг уыдаид зынаргъ хæцæнгæрзтæ, егъау æрхуы æгтæ. Ирæды æхца æрæмбырд кæнынæн бирæ азтæ хъуыдис, уый аххосæй нæлгоймæгтæ ус æрæгмæ куырдтой, лæг-иу йæ усæй бирæ хистæр уыдис, стæй чызджыты скъæфгæ дæр уый тыххæй кодтой. Скъæфын та-иу арæх туг расайдта.

Ирæды ныхмæ тох Ирыстон æмæ Кавказы

1866-æм азы Дзæуджыхъæуы æрæмбырд сты ирон æхсæнады минæвæрттæ æмæ сфидар кодтой ирæды нормæ: ирæд 200 сомæй фылдæр хъуама ма уа, зæгъгæ. 1879-æм азы мæхъхъæлон адæмы æвзæрст лæгтæ сфидар кодтой ирæды максимум: 105 сомы, стæй бауынаффæ кодтой чындзы мыггагæй ивар исын, кæд уыцы мыггаг æгæр зынаргъ лæвæрттæ усгурæй исы, уæд.

Нырыккон иртасæг Дзуццаты Хасан хъуыдымæ гæсгæ, уыцы æрæнæвæрдтæ уавæр нæ хуыздæр кодтой.

Ирæд исыны ныхмæ газет «Ног цард»-ы тох

Ирон адæмæн стыр трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. Газет «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры.

Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйае, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахаем уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“

æмæ дарддæр:

Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау.

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыди Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.

Нырыккон чындзæхсæвы æгъдау

Ныр Ирыстоны ирæд нал исынц. Лæппуйы бинонтæ сцæттæ кæнынц фидауæггаг æхца — фидауæггаг цы æхца сæвæрынц, уый у мысайнаг, дыууæ мыггаджы кæй бафидыдтой, кæй бахæстæг кодтой, уый тыххæй.


Фиппаинæгтæ

Tags:

Ирæд ы ныхмæ тох Ирыстон æмæ КавказыИрæд Нырыккон чындзæхсæвы æгъдауИрæд ФиппаинæгтæИрæдXIX æнусÆрхуыДыгурон диалектИрыстонЦæгат Кавказ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

1895-æм азИндонезиИронауУралКалоты Витали.ieПоэзи1993-æм азПлимут (Монтсеррат)ЕлхотБеларусьПалестинæ (паддзахад)ИрыстонРумыниМонреальИзраильКопрадзхуызУкраинæШвециИразиев, Эльдар Изамутдины фыртМæскуы (цæугæдон)КалакЧурсин, Григорий Филиппы фыртВаллийаг æвзагКрунубергРосхультХетæгкаты КъостаСылмæнæуМартъиХъорнис1260-æм азДохæДæргъадАбайты ВасоХой (сахар)Фынæйы зырзырагМæцкъорЦæгат Корей14231311-æм азБоксТумæ (Уæрæсе)СабатСæйраг сахарИрон алфавитАстрономиЧикагоСардиниКъуайсаУкаяли (цæугæдон)Ирландиаг адæмВенециНомдарВизантияйы империЦæгат ДакотæХид (биологи)БиблиПутин, Владимир Владимиры фыртАрубæКъæлуа278-æм азКаринти (зæхх)Гадеа, ИльдæХорватиДзывылдар🡆 More