Достоевский, Фёдор Михаилы Фырт

Достоевский Михаилы фырт Фёдор (уырыс.

Фёдор Михайлович Достоевский; райгуырдис 1821 азы 30 октябры (11 ноябры) Мæскуыйы — амардис 1881 азы 28 январы (9 февралы) Бетъырбухы) у зындгонд уырыссаг фыссæг æмæ хъуыдыгæнæг.

Фёдор Михайлович Достоевский
уырыс. Фёдор Михайлович Достоевский
Достоевский, Фёдор Михаилы Фырт
Гуырæн ном Фёдор Михайлович Достоевский
Райгуырды датæ 30 октябры (11 ноябры) 1821
Райгуырæны бынат Мæскуы, Уæрæсейы импери
Мæлæты бон 28 январы (9 февралы) 1881[…] (59 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз прозаик
Сфæлдыстады азтæ 18441880
Здæхт реализм
Уацмысты æвзаг уырыссаг
Автограф Подпись
fedordostoevsky.ru(уырыс.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ фыд Андрейы фырт Михаил уыд дохтыр æмæ куыста рынчындоны мæгуыртæн. Йæ мад Фёдоры чызг Мария (йæ чызгон мыггаг Нечаева) уыд сæудæджерты мыггагæй. Фёдор уыд авд сабитæй дыккаг сывæллон.

Иу æнхъæлцмæ гæсгæ Фёдоры фыды къабæзты зæхмулк уыд Белоруссийы. Уыцы зæхмулк 1506-æм азы кæфты мæйы æхсæзæм боны, фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй, æлдарæй райста бардарын Ртищев Иваны фырт Данилæ. Уæдæй фæстæмæ Ртищев æмæ йæ бындартæ хуындысты куыд Достоевский бинонтæ.

Фёдорыл фынддæс азы куы сыххæст, уæд йæ мад тарнизæй амард æмæ фыд арвыста йæ дыууæ хистæр фырты Фёдоры æмæ Михаилы (кæцы фæстæдæр фыссæг сси) Костомаровы пансионатмæ Бетъырбухмæ. 1837-æм аз сси фыссæгæн ахъаззаг датæ. Уый уыд йæ мады мæлæты аз, Пушкины (кæй сфæлдыстадимæ уый уыд зонгæ йæ сывæллоны бонтæй) мæлæты аз, уый æддейы 1837-æм азы Фёдор ралыгъд Бетъырбухмæ. 1839-æм азы фыссæгæн фехъусын кодтой йæ фыды амарды тыххæй: хъазайраг зæхкусджытæ Михаилы амардтой.

Достоевский æфсæддон службæйæ ауагъды иу аз агъоммæ фыццаг хатт ратæлмац кодта æмæ мыхуыры рауагъта Бальзакы «Евгения Гранде» (1843). Афæдз фæстæдæр рацыд йæ фыццаг уацмыс «Мæгуыр адæм», æмæ уайтагъд Фёдор сси разагъд фыссæг. Виссарион Белинский стыр аргъ скодта ацы уацмысæн. Фæлæ иннæ чиныг «Цæрмыстыгъд» сымбæлд нембарыныл.

«Урс æхсæвты» мыхуыры рауагъды фæстæ Достоевскийы æрцахстой, уымæн æмæ уыд «Петрашевскийы хъуыддагимæ» баст. Тæрхон ын рахастой мæлæтæй æфхæрд цыппурсы мæйы дыууын дыккæгæм бон Семёновский плацыл. Фæлæ фæстаг уысмы зылынгæндтæн фехъусын кодтой, сæ фыдракæнд сын хицауад кæй ныббарста, уый.

Фиппаинæгтæ


Tags:

182118819 февралыБетъырбухМæскуыУырыссаг æвзаг

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Торонто853-æм азСомихаг адæмИндийы фурды Британийы территориУырыссаг æвзагСæйраг сахарУæллаг æмвæзады паддзахадон доментæАмерикæЗлатоустНью-ЙоркДоллæр (АИШ)Персайнаг æвзагКёльнПлевенУазал хæстХимиХуыцауУзбекистан1529-æм аз1980-æм аз1205-æм аз1615-æм азКампалæ9 февралыАстрономиИспайнаг æвзагИндонезиПанамæУæрæсейы Федерацийы социалон картæ1619-æм азДинГотландСофияКитай2010-тæОттавæ22 октябрыÆвзагКосово æмæ МетохиСан-Паулу (штат)1991-æм азБурундиКурдаг æвзæгтæВестерботтен (лен)1997-æм аз1684-æм азМальтæКанадæ1990-тæ19 апрелыАвстриСыхсы1977-æм азТехасДыккаг дунеон хæстVk.comБенин2023-æм азОльборгАгуырды системæ1923-æм азМæскуыФизикæ18712010-æм азТæтæйраг адæм1 июлы🡆 More