Гуырдзыбеты Майрæмсауы фырт Бласка, дыгур.
Гуырдзыбеты Бласка | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1 (13) мартъийы 1868 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 18 июны (1 июлы) 1905 (37 азы) |
Мæлæты бынат | |
Архайды хуыз | поэт |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ уацмыстæ йæхи хардзæй уагъта. Дæлæ уыдоны номхыгъд:
Блашкайы сфæлдыстады æппæты зынгæдæр у йæ стихтæй фыст дыууæактон комеди «Æдули» (Æдылы).
Блашка æфсæддон куысты æнувыд уыдис — йæ мæлæт дæр æфсады ссардта. 1905 азы Японы хæстмæ барвæндæй ацыдис, дæлесаулы цины, æмæ июлы фыццаг бон, æфцæг Санвайцзыйы цур атакæйы рæстæг дзыхъмард фæцис знаджы нæмыгæй. Цинкæй табæты Блашкайы мард æрластой йæ райгуырæн хъæумæ, æмæ уым ныгæд æрцыд йæ фыды фарсмæ. Гуырдзыбеты Блашкайы амардыл афæдз куы сæххæст, уæд цы полчъы службæ кодта, уый командир Н. Баратов «Терские ведомости»-йы фыста:
Санвайцзымæ намысджын бабырст дæлесаул Гуырдзыбейы-фыртæн уыдис фæстаг. Гуырдзыбеты Блашкайы марды фæстæ æнæхъæн полкъ дæр фæуыргъуыйау ис. Ацы хæсты фæмард, æдзух тохы цæхæрмæ йæ бæттæнтæ чи тыдта, уыцы афицер. Æртæ хатты йæ нæ уагътон уырдæм, фæлæ нæ ныллæууыд. Йе ’мгæрттæй æфсæрмыгæнгæйæ-иу афтæ дзырдта: „Казначейы хъарм бынаты кæй дæн, уый мæ къæмдзæстыг кæны. Цы хъуамæ ахъуыды кæной ме ’мгæрттæ?“ Æмæ нæ ныллæууыд...
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Гуырдзыбеты Бласка, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.