Гриффинтæ (англ.
Сюжеты астæу ис æнæрæмстмæ бинонтæ Гриффинтæ: ныййарджытæ Питер æмæ Лоис, сæ сывæллæттæ Крис, Мег æмæ Стьюи, афтæмæй ма Брайан дæр — куыдз антропоморфон миниуджытимæ. Ситкомы архайд цæуы Куаходжы, æрымысгæ горæтгæрон Провиденсы, Род-Айленды штаты. Мультфильмы юморы фылдæр хай у ’вдыст, ахæм, «балыгтæй», зæгъгæ, кæдонæн сæ фылдæр сюжетмæ ницы бар дарынц æппындæр æмæ алыхуызон пысмил æмæ дайуаг темæтыл джидзæгтæ хæддарынц, куыд: политикæ, цагъайрад, æнæбондзинад, феминизм, фырнард æмæ æнд.
«Гриффинты» хъуыды Макфарлейнмæ нырма колледжы фæзынди, фæлæ йæ йæ сæххæст кæнынмæ равдæлд æрмæстдæр йæ фыццаг анимацион проектты «Ларрийы Цард» æмæ «Ларри ’мæ Стив»-ы фæстæ. Рацарызта цын сæ сæйраг нывгоймæгты, Ларри æмæ йæ куыдз Стивы, Питыр æмæ Брайанмæ, куыд уайынц, афтæ. 1988-æм азы Сет видеоист скодта 7-минут пилотон эпизод æмæ йæ равдыста телеканал Fox-ы сæргълæуджытæн, кæдоны зæрдæмæ фæцыди æмæ йын фæндаджы бар раттой. Ситком фæцис æртæ сезоны æмæ йæ 2002-æм азы сæхкæдтой. Фæлæ «Гриффинтæ» DVD-ыл иттæг хорз уæй кæй цыдысты æмæ ма сæ уæллейау рейтингтæ Adult Swim блочы æвдисгæйæ, цæ аивын кæнын кодтой сæ хъуыдытæ æмæ та сериал сæндидзыд 2004-æм азы.
Сериал 16 хатт уыди номхуынд Праймтайм премимæ «Эмми» (рамбылдта-иу æй 4 хатты) æмæ 11 хатт преми «Энни»-мæ, кæцыйы рамбылдта 3 хатты. 2009-æм азы уыди номхуынд «Эмми»-премимæ, категори «Хуыздæр комедион сериал»-ы. 1961-æм азы «Флинстоунты» фæстæмæ та уыцы номинацийы уыди анимацигонд проект. «Гриффинтæ» иу æмæ дыууæ хатт нæ уыди культон сериалыл нымад, кæд æмæ-иу æмафон йæ фыдгой дæр кодтой, зæгъæм, «Симпсонтимæ» æнгæсы тыххæй.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Гриффинтæ, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.