Футболон Клуб Алани

Футболон клуб «Алани» (Спартак Дзæуджыхъæу) у Дзæуджыхъæуы футболон клуб.

Клуб бындурæвæрдæуыд 1921-æм азы. Йæ уæвæны даргъ клубæн бирæ алыхуызæн нæмттæ уыдис, се ’хсæн уыдысты «Юнитас» (1921-1923), «Автомобилист» (1984), «Спартак-Алани» (1995—1996, 2003), фæлæ æппæтæй зындгонд сси йæ номæй «Алани», кæцыйы дардта 1996—2002, 2004—2005 æмæ 2007—2016 азты, стæй 2021-æм азæй фæстæдæр.

Футболон Клуб Алани
Футболон клубы логотип

1995-æм азы бацахста фыццаг бынат Уæрæсейы футболон чемпионаты, 1992 æмæ 1996 æзты дзы райста дыккаг бынат. Уыдис 2010/2011-æм азты Уæрæсейы футболон хъалацы финалист, райста дзы дыккаг бынат. 1994-æм æмæ 1995-æм азты райста фыццаг бынат Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Президентон хъалацы: 1994-æм азы фæуæлахиз кодта португайлаг «Боавиштайыл», 1995-æм та — «Атлетико Мадридыл».

Ныртæккæ хъазы Уæрæсейы профессионалон футболон лигæйы (Фыццаг дивизионы), 2018-æм азæй йæ сæйраг тренер сси Гæззаты Юри.

Истори

1921-æм азы бындурæвæрд æрцыд футболон къорд — «Юнитас». Байгом æй кодтой дыууæ бритайнаг коммунисты Армстронг æмæ Кэмпбелл.

Уæрæсейы фæлтæр (1992—н.р.)

Футболон Клуб Алани 
Уæрæсейы посты маркæ

1995 азы рамбылдта Уæрæсейы футболон чемпионат. 1996 азы бацахста дыккаг бынат, фæлæ фæхæрд и алы æхсæнадæмон ерысы.

2005 азы бацахста 15æм бынат, æмæ æрхызти фыццаг дивизионмæ. 2007-2009 азты хъазыди фыццаг дивизионы. 18 февралы 2010 азы бахызти Премьер-лигæмæ. 2010 сезоны хатцæгмæ гæсгæ, фæстæмæ æрхызт фыццаг дивизионмæ.

2011-æм азы январы клубы президент сси Гæззаты Валери, 1994-1999 æзты сæйраг тренер чи уыдис, уый, тренер та сси йæ фырт — Гæззаты Владимир. Цымыдисаг у уый, æмæ Гæззаты Владимир раздæр никуы нæ уыдис нæ дæр футболон тренер, нæ дæр хъазæг — 1997-1998 æзты Аланийы дыккаг составы хъазта, фæлæ тагъд рæстæджы фæстæ йæ спортивон карьерæ фæкæрон и.

Гæззаты Владимиры разæмындыл клуб Уæрæсейы футболон хъалацы финалист сси, фæлæ дзы ЦСКА-йæн фæхæрд и.

2011-æм азы сентябры «Аланийы» тренертæй иу ссис Пагæты Артур. Уый ацы командæйы сконды 1995 азы ссис Уæрæсейы чемпион. Артур фæстаг рæстæджы куыста тренерæй Дæллаг Новгороды командæ «Волгæйы» сконды. Дзæуджыхъæуккæгты сæйраг тренер Гæззаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, Пагæты Артур у æцæг профессионал. «Тынг æхсызгон мын у, Артур нæм тренерæй кæй æрбацыд, уый. „Аланийы“ иууыл æнтысджындæр азтæ баст сты йæ номимæ», — загъта Гæззаты Владимир.

2012-æм азы ноябрæй 2013-æм азы июнмæ клубы тренер ноджы дæр сси Гæззаты Валери. Фæлæ ацы сезон клуб фехалдта æмæ райста 16-æм (фæстæг) бынат Премьер лигæйы. Уый фæстæ клуб æрдæг азы бахъазта Фыццаг дивизионы, фæлæ стæй финансон зындзинадтыл сæмбæлдта. Дейвидас Шемберасы ныхæстæм гæсгæ клубы хъазджытæн фондз мæйы даргъ куыстмыдз нæ цыдис, клуб та не рбатахтис сезоны фæстæг хъазтмæ Владивостокмæ.

2014-æм азы 10 февралы клубы цастдарæн совет стæрхон кодта, Уæрæсейы чемпионатæй клуб айсын кæй хъæуы, уый, уый тыххæй æмæ йæм миллиарды ас хæс æрæмбырд и. 2014-æм азы июны клуб ногæй рацæрæзтæуыд йæ дублы бындурыл æмæ хъазын байдыдта Дыккаг дивизионы "Хуссар" къорды.

2016-æм азы Республикæйы хицауад стæрхон кодта, клуб фехалын кæй хъæуы, уый, æмæ йæ бындурыл рацæрæзта клуб "Спартак-Дзæуджыхъæу", хъазнадон финанскæнынадимæ. Генералон директор сси Секъинаты Юрий. Клубæн йæ зæронд номæй "Алани" пайда кæныны бар нал ис, уый тыххæй ацы юридикон номыл æгæр бирæ финансон хæстæ æмæ тæрхонон исктæ ис.

2018-æм азы клубы сæйраг директоры æмæ сæйраг тренеры бынат райста Гæззаты Юрий. Ныртæккæ клуб дарддæр хъазы Дыккаг дивизион "Хуссар" къорды æмæ æхсы дзы 13-æм бынат.

Раздæры нæмттæ

  • 1921—1923 — «Юнитас»
  • 1923—1924 — «КИМ»
  • 1924—1939 — «Ленины номыл баиугонд кусæгон клуб»
  • 1940—1971, 1972—1994, 2006, 2016-æй — «Спартак»
  • 1972 — «Автомобилист»
  • 1996—2002, 2004—2005, 2007—2016 — «Алани»
  • 1995—1996, 2003 — «Спартак-Алани»

Символикæ

Клубы хуызтæ

Сырх Бур Урс

Спортфæз

Футболон Клуб Алани 
Спортфæз "Спартак"

Республикон спортфæз «Спартак» у Аланийы стадион — арæзт æрцыд 1962 азы, цæуы дзы 32 464 адæймаджы.

Титултæ

Уæрæсейы Чемпион: 1995

Зындгонд хъазджытæ

Сæйраг тренертæ

Футболон Клуб Алани 
Гæззаты Валери, футболон клуб «Аланийы» сæйраг тренер (1989–1991, 1994–1999)

Фиппаинæгтæ


Tags:

Футболон Клуб Алани ИсториФутболон Клуб Алани Раздæры нæмттæФутболон Клуб Алани СимволикæФутболон Клуб Алани СпортфæзФутболон Клуб Алани ТитултæФутболон Клуб Алани Зындгонд хъазджытæФутболон Клуб Алани Сæйраг тренертæФутболон Клуб Алани ФиппаинæгтæФутболон Клуб АланиДзæуджыхъæуФутбол

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

ДыгурСыбырКалабриНовосибирскСудзаг битъынаТеуаКастамону (ил)АрктикæСехХъабахъÆлбортæХуссар Ирыстоны автономон бæстæЯгънобаг æвзагÆгъуызарты ÆхсарбегДыгурон диалектТогус-æлдарОдноклассники (социалон хыз)ХъазахстанТувалуХуссар КорейКаркКастамонуАстрономиПарана (штат)Люксембург, РозæАрденнтæ (департамент)КолумбиГогаджынВикиКъæбицТуатæКеретароКоперник, НиколайБургундиБалканы хæстытæМæскуыФыдхосЧестер.рфНомдарХуссар Африкæйы РеспубликæМивдисæгМуссолини, БенитоÆлыгБельгиУæрæсеТурку.ieУæтæратæИнтернетХарьковское (Цæцæн)795-æм азРенуар, Пьер ОгюстТокиоУæрæсейы сомНарАлымбегАмерикæйы Иугонд ШтаттæМæскуыйы дизайн æмæ технологиты паддзахадон университетБенц, КарлÆхсырæгхуызтæ363-æм азАристотель2018-æм азПознаньЗгъилПутин, Владимир Владимиры фырт🡆 More