Борис Николайы фырт Е́льцин (райгуырдис 1931-æм азы 1 февралы Буткæйы хъæуы Свердловсчы облæсты — амардис 2007-æм азы 23 апрелы Мæскуыйы) уыд советон æмæ Уæрæсейы политик, Уæрæсейы Федерацийы фыццаг президент (1991-2000).
Ельцин райгуырдис Уралы хъæуы, зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ разгæ бонтæ арвыста Пермы облæсты сахар Березникийы. Уым каст фæцис астæуккаг скъола. Æфсадмæ йæ нæ басидтой, уый тыххæй æмæ йæ армы дыууæ æнгуылдзы нæ уыд.
Ельцин студент куы уыд, тынг уарзта волейбол, сси спорты мастер. 1955-æм азы каст фæци Уралы политехникон университет, æмæ инженер-аразæг сси (йæ дипломон куысты темæ уыд «Телеуынынады мæсыг»). 1955-1968 азты куыста арæзтады. 1968-æм азæй куыста партион архайæгæй, 1985-æм азæй — Мæскуыйы.
1991-æм азы 10 июлы Уæрæсейы адæмæн иузæрдыгдзинадыл ард бахордта æмæ сси УСФСР-йы президент. Йæхæдæг куыд бафиппаидта, сси Уæрæсейы историйы, адæм кæй равзæрстой, фыццаг ахæм сæргълæууæг.
Ельцины критиктæ йæ зылын кæнынц, уый 1991-æм азы Беловежьейы бадзырдыл кæй йæ къух æрфыста, уый тыххæй. Беловежьейы бадзырды аххосæй, дам, Советон Цæдис фехæлдис, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр рæтты быцæутæ сирвæзтысты, дуне та дыууæполюсонæй иуполюсон сси.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Ельцин, Борис Николайы фырт, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.