Android: операцион системӕ

Android (; бердзенаг.

ἀνήρ — адæймаг, лæг + фæсæфтуан -oid - адæймаджы хуызæн робот ; «Андро́ид») — операцион системæ смартфонтæн, планшеттæн, электронон чингуытæн, цифрон плеертæн, къухылдаргæ сахаттæн, фитнес-браслеттæн, хъазæн консольтæн, ноутбуктæн, нетбуктæн, смартбуктæн, Google Glass-æн, телевизортæн æмæ æндæр фæрæзтæн (2015 азы ма фæзынд автомобилон хъазæн системæты æмæ цардыуагон роботтæн).

Йæ бындур у Linux-ы ядро æмæ йæхи виртуалон машинæ Java-йы реализаци Google-æй. Сæрæй йæ арæзта компани Android, Inc., кæцыйы стæй балхæдта Google. Уый фæстæ Google инициативæ рахаста Open Handset Alliance-ы аразыны тыххæй (OHA), кæцы ныр архайы платформæйы райрæзтыл.

Android бар дæтты аразын Java-æфтуантæ, кæдон разамынд кæнынц фæрæзтæй Google библиотекæты фæрцы. Android Native Development Kit та бар дæтты рапорт кæнын библиотекатæ æмæ æфтуаны компоненттæ, кæдон фыст æрцыдысты Си-йыл æмæ æндæр æвзæгтыл.

86 % смартфонтыл, кæдон уæй æрцыдысты æнæхъæн дунейы(2014 азы дыккаг кварталы), уыд æвæрд операцион системæ Android. Аразджыты конференцыл, кæцы уагъд æрцыд Зæрдæвæрæны мæйы 2017 азы, Google загъта, ома, цæргæ цæрæнбонты сактиваци кодтой 2 млрд Android фæрæзты.

Истори

Android: Истори, Критикæ, Фен ноджы 
Логотип, кæцыйæ пайда кодтой 2007 - 2014 азмæ

11 июлы 2005 азы корпораци Google балхæдта компани Android, Inc. 130 милуан доллартæй. 5 ноябры 2007 азы компани официалон æгъдауæй фехъусын кодта Open Handset Alliance (OHA) кæй сарæзта, уый тыххæй, æмæ санонс кодта гом мобилон платформæ Android, 12 ноябры 2007 азы альянс фенын кодта фыццаг пакеты верси аразджытæн Android «Early Look» SDK æмæ эмулятор Android.

Рухæны мæйы 23 боны 2008 азы официалон æгъдауæй рацыд операцион системæйы фыццаг верси, æмæ фыццаг æххæстаргъ аразджыты пакет SDK 1.0, Release 1. Уыцы рæстæгæй рацыд бирæ снгодзинæдтæ, кæдон схафтой рæдыдтытæ æмæ ног функцитæ дзы баппæрстой.

2009 азы фенын кодтой 4 платформæйы сногдзинады. Февралы рацыд верси 1.1, кæцыйы бирæ рæдыдтытæ сраст кодтой. Апрелы æмæ сентябры рацыд ноджы дыууæ сногдзинады — 1.5 «Cupcake» (капкейк) æмæ 1.6 «Donut» (пончик). Сногдзинад «Cupcake» бафтыдта бирæ ахсджиаг ивындзинæдтæ: виртуалон клавиатурæ, видеоты æвдыст æмæ фыст, браузер æмæ æнд. «Donut»-ы фыццаг хатт фæзынд алыхуызон нæрстты ахъаз æмæ экраны æмæ экраны бæзджинад, хызтæ CDMA. Октябры та рацыд верси Android 2.0 «Eclair» (эклер), кæцыйы фæзынд цалдæр аккаунты ахъаз, æвзаг HTML5-ы ахъаз æмæ æндæр сногдзинæдтæ, чысыл фæстæдæр ма дзы фæзынд «удгас обойтæ» æмæ ма фæивдто блок экраны хуыз.

2010 азы астæу Google фенын кодта Android-ы верси 2.2, кæцыйы схуыдта «Froyo» (их йогурт), 2010 азы кæрон та — Android 2.3 «Gingerbread» (Имбирон басылтæ). Сногдзинады фæстæ «Froyo» лæгæн фæзынд бар, ома пайда кæ ын фæрæзтæй, куыд бацæуæны бынат, пайда кæнын традиционон смартфоны блоктæй цифрон æви дамгъæ-цифрон паролæй æмæ ма дзы уыд æндæр ивындзинæдтæ, сногдзинад «Gingerbread» (Имбирон басылтæ) æрбахаста йемæ фылдæр контрол къопи æмæ бавæрды функцитыл, æфтуантыл контрол, цалдæр камерæйы ахъаз æмæ æнд.

Критикæ

Фен ноджы

  • Android-ы верситы истори

Æддаг æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ

Tags:

Android ИсториAndroid КритикæAndroid Фен ноджыAndroid Æддаг æрвитæнтæAndroid ФиппаинæгтæAndroidГрекъаг æвзагСмартфонХæдтулгæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

FacebookДохæКастамону (ил)КъæбыстæАвстралиЛеккоКамбоджæНеукен (провинци)Агуырды системæНабережные ЧелныФутболКатарСомихаг æвзагГрекъаг æвзагФинляндиСырдонЦинь ШихуандиХъоппæгКоцойты АрсенПизæГрадарæАристотельСæйраг фарсМедицинæКитайаг æвзагСалерноКъоб (Цæцæн)Карк1542-æм азГерманФлоренциЛиванСосланДимитровград (Болгари)1020 азЯгънобаг æвзагИлас ÆрнигонИракИдишБельгиКæхцгурæгГогаджынСау денджызШахадæИнтернетЛаосФæсæвæрдНовосибирскБенц, КарлТокиоДзылат (Кæсæг-Балхъар)Цæгат Ирыстоны гимнНомдарСомихы административон дих18 июны1439Красное СелоИуретКалязинПуштуМамсыраты ТаймуразУырызмæгÆхсынкъмарæнБрешиа (провинци)ЧестерЧжилиТеуа🡆 More