Wiki Иронау

Табуафси Википедимæ,

фыццаг иронау фыст энциклопедимæ. Бацархай ды дæр!

Абон у къуырисæр, 2024-æм азы 15 апрель. Ныртæккæ ирон æвзагыл ис 18 238 уацы.

Сæйраг Фарс

Сæйраг Фарс
Ног хабæрттæ
Сæйраг Фарс
Бе-200 тæхгæ-тæхын
  • Цæгат Ирыстон Мæздæджы ссыгъдис фыццæгæм скъола-интернат, зынгсирвæзты фæзуат уыдис 80 квадратон метры. Эвакуаци фæрæстмæ, зианбаййафджытæ нæй.
  • ТуркУæрæсе Турчы сахар Искендеруны судзы наулæууæн. Уæргътæ дзы зынджы уацары бахаудысты тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ. Бынаты кусы Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады зынгхуыссæн хæдтæхæг Бе-200.
  • Стыр БританиУкраинæ Англисы къарол Карл Æртыккæгæм Букингемы галуаны фембæлдис Украинæйы президент Владимир Зеленскийимæ.
  • ТуркСири Тыхджын зæххæнкъуыст Турк æмæ Сирийы арæныл. Мингай адæм фæмард сты дыууæ бæстæйы дæр. Цæуынц ирвæзынгæнæн мадзæлттæ.
  • Цæгат Ирыстон Цæгат Ирыстоны Кировы районы, Елхоты хъæуы бæстон цалцæджы фæстæ байгоммæ цæттæ кæны 2-æм скъола. Ахуырдоны бæстыхай арæзт æрцыд 1965-æм азы æмæ йæ бæстонæй сцалцæг кодтой фыццаг хатт.
  • Англис Англисы футболон командæ рамбылдта Европæйы чемпионат сылгоймæгты ’хсæн. Хъазтмæ æрбацыдис 87 мин адæймаджы, уый бæрц Европæйы чемпионаты историйы никуы уыдис.

Цæугæ цаутæ: Хæст Украинæйы · Сирийы мидхæст · Эфиопийы мидхæст · COVID-19 пандеми · иннæтæ

Сæйраг Фарс

Сæйраг Фарс
Уацы дæнцæг

Уацы дæнцæг

Коцойты Арсены къам

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895-æм азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

«Æфсир» æхгæд куы ’рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).

«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

Сæйраг Фарс

Сæйраг Фарс
Боны ныв
Сæйраг Фарс
Цветочные часы и курсалон Хюбнера в городском парке, Вена, Австрия
Сæйраг Фарс
Мæйы темæ!
Сæйраг Фарс

Мæйы бæстæ сси Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон:

Мæйы темæ æвзæрст не ’рцыдис; раздæры темæ уыдис Алани (ФК):

Ног темæ бадæттæн æмæ фæдылдзог мæйы темæтæм хъæлæс кæнæн ис сæрмагонд фарсыл »»»

Сæйраг Фарс
Категоритæ
Сæйраг Фарс

Сæйраг Фарс Æрдз

Сæйраг Фарс Æхсæнад

Сæйраг Фарс Æрдз иртасæг зонад

Сæйраг Фарс Адæймаджы иртасæг зонад

Сæйраг Фарс Ирыстон

Сæйраг Фарс
Диссæгтæ ног уацтæй
Сæйраг Фарс
  • 2021-æм азы Африкæйы хуыздæр сахарыл банымæдтой Найроби.
  • Колумбийы ис вулкан Галерас, тынг арæх дзы æрцæуынц сирвæзтытæ. Афтæ 1993-æм азы, иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ, вулканы кратеры фæмард сты 6 геолоджы, йæ хуылфмæ куы ныххызтысты уæд райдыдта вулканы сирвæзт.
  • Византийы императортæ æппæтæй дæр уæздан адæм нæ уыдысты, уымæн æмæ дзы уыдис фадат бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ саразгæйæ кæнæ æфсады хæстон кад бакусгæйæ. Афтæ зæгъæм император Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, Василий I уыд зæхкусæг, уый фæстæ та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис зæхкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.
  • Боливийы хох Чакалтаяйыл цы егъау æнусон цъити ис, уый иртæстытæм гæсгæ сæвзæрдис 18 милуан азы размæ. Афтæмæй боныхъæды ивды тыххæй дзы 1980-æм азæй фæхъуыдис 80 %, 2010 азы кæронмæ та хъуамæ бынтондæр фесæфа.
Сæйраг Фарс
Википеди æндæр æвзæгтыл
Сæйраг Фарс

Кавказы æвзæгтыл хайæдтæ:

Сæйраг Фарс

Сæйраг Фарс
Фонд Викимедийы æндæр проекттæ
Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр:
Æвзаг

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Британийы империОсманты империЛюксембургКарибы денджыз1024-æм азХетæгкаты КъостаОулуХерсоны облæстДзержинск (Дæллаг Новгороды облæст)Босни æмæ ГерцеговинæСантьяго-де-КубаФинляндиМæхæмæтты АхуырбегКонгойы Демократон РеспубликæИугонд Нациты ОрганизациАстанаЛиванРеспубликæ КомиМуссолини, БенитоГуыдырты комРас-эль-Хаймæ (сахар)Уæздан сагНобелы премиКюменлааксо1646-æм аз1203-æм азИранТабасарайнаг æвзагЯффæ1801-æм азФаруСорокабæНымæцонСардаг æвзагХуссар Ирыстоны автономон бæстæАмерикæйы Иугонд ШтаттæВенгриМикеланджелоАлбаниДариОмсчы облæстКъарол АртурЛос-Анджелес1318-æм азУырыссаг адæмХуссар ИрыстонЭйнштейн, Альберт1918-æм аз1096-æм аз2022-æм аз1536-æм азМатематикæ1946-æм азЧилиЦæнгæтСомихДоныхъазОкеаниФевраль2006-æм азОсиповичиБелоруссаг æвзагШирак (облæст)Дур-Дур (хъæу)18 июны🡆 More