Куадзæн

Куадзæн (гр.

πάσχα) у чырыстон дины стыр бæрæгбон. Чырыстон уырнындзинадмæ гæсгæ уыцы бон мæрдтæй райгас и Йесо Чырысти æмæ уымæй мæлæтыл фæуæлахиз.

Куадзæн

Бæрæгбоны ирон ном фæзынди мивдисæг «ком уадзын»-æй. Уыцы бон чырыстон диныл хæст адæм «ком уадзынц», ома нал дарынц ком.

Ирон адæммæ куадзæн рагæй уыди стыр æмæ хъæлдзæг бæрæгбон.

Ирон адæммæ

Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. 325-æм азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг – æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæраг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц.

Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта.

Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Куадзæны бон-иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ.

Литературæ

  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.


Tags:

Грекъаг æвзагЙесо ЧырыстиЧырыстон дин

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Араббаг æвзагНыгуылæн Вирджини1415-æм азХæрдмæдзог цъиу10 декабрыЭйнштейн, АльбертМамсыраты ДæбеКипр427-æм азСловениАргентинæВизантияйы империЗалдаСолондзы2018-æм азМарсельГрекъагМайами1933-æм азПлимут (Англис)Хуссар Ирыстоны автономон бæстæПерсайнаг æвзагКарæ (цæугæдон)АстанаСау денджызМапутуМонтрёйМæскуы (цæугæдон)БиблиЛамазТæнæгЦхинвалКобайрТыгъддзыфЦъуйИзраильМысырМонреаль14 январыАстæуккаг ХурыскæсæнПсыхурейЗайæгойтæФутболСтыр ЛилоЗæххастæуы денджыз1966-æм азУкаяли (цæугæдон)КраснодарМæздæгФыдхос1957-æм азÆмткæй мидæг продукт1931-æм азКаринти (зæхх)ЧиндзиКорейКафка, ФранцУацдин884-æм азХид (арæзтад)Къæйты комы дон1864-æм азМæцкъорУкраинæТумæ (Уæрæсе)Хантсвилл (Алабамæ)Æрвдидинæг (мыггаг)🡆 More