Батумы ботаникон парк (бæласдон) (гуырдз.
Ис Батумæй 9 км æддæдæр, æфсæнвæндаджы станцæ Кæрдæгцъæх сынæджы (уырыс. Зеленый мыс) цур.
Батумы ботаникон парчы бындур æрæвæрдта уæрæсейаг ботаник æмæ географ Андрей Николаевич Краснов (инæлар П.Н. Красновы æфсымæр) 1880-æм азы, официалон æгъдауæй та байгом чынди 1912-æм азы 3 ноябры. Йæ сæйрагдæр нысаныл Краснов нымадта ахæм: хæдзарады бæзгæ субтропикон зайæгойты уымы бæстыхъæдыл сфæлтæрын кæнын æмæ сæ райдайын зайын кæнын Уæрæсейы хуссар районты.
Гуырдзыстоны Советон тыхбар куы сфидар ис, уæддæр парк дарддæр рæзыд. ССР Цæдисы хицауады 1925-æм азы 30 июлы уыннафæмæ гæсгæ Батумы ботаникон парк нымад æрцыд, Сау денджызы былгæрон субтропикон культурæтæ (цайгæрдæг, цитрусонтæ æмæ æнд.) чи рæзын кæндзæн, паддзахады уыцы бындурон зонадон уагдоныл.
XXI æнусы райдианы парчы уыди 9 флористон хайады:
Парчы цардæгас зайæгойты коллекцийы ис 5 мин хуыз, мыггаг æмæ формæйæ фылдæр, уыимæ бæлæстæ æмæ цъыхырыты 2 мин хуызмæ æввахс.
Парчы ис 5 зонадон хайады:
Батумы ботаникон парк раздæр уыди Гуырдзыстоны зонæдты академийы дæлбар, фæлæ 2006-æм азæй у хæдбар уагдон.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Батумы ботаникон парк, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.