Экономикæ (гр.
οίκοςνομος — дзырдæй-дзырдмæ «хæдзары зылды дæсниад») — ис ын цалдæр нысаниуæгы:
Дунеон экономикæ, регионалон экономикæ, бæстæйы экономикæ — организаци, структурæ æмæ хъæдзарадон царды уавæр.
Экономикæ — кондадон ахасты æмдзыгуыр, кæцы у ацы къæпхæны æхсæнады кондадон хъомысы тынгады аккаг, æхсæнады кондады амалæн æлдариуæг чи кæны.
Незаманон æхсæнады райтынгад уыди дæлейау æмæ мамæлайы къæбæртæй ифтонг кодта адæмы. Сæрæй незаманонтæ хæлц æмæ хойрæгтæ арттой цуан æмæ уидзæнтæй, фæлæ неолитон революцийы руаджы фæзындысты зæххкуыст æмæ фосдард. æхсæнады райтынгад æркодта фæллойдихмæ æмæ социалон нембарадмæ, фæзындысты социалон кълæстæ æмæ паддзахад. Стæй ма цагъардарыны фæтк.
Сабыргай-сабыргай уæййагæмивæн дæр парахат кæнын байдыдта, кæд æмæ фыццаг уыди натуралон æмбаивды хуызы, фæлæ æхцаты фæзындимæ сси базар. Фæлæ уæддæр, Рагон дунейы æмæ Астæузаманты, арæхад кодта натуралон хæдзарад. XV æнусы кæронæй байдыдта Стыр географион ссардты дуг, кæцы æркодта дунеон экономикæйы скондмæ æмæ фæзынд райдианон капиталы сæмбырд. XVIII æнусы фæстаг цыппæрæм хайæ райдыдта индустриалон революци, кæй аххосæй размæдзыд бæстæты адæмы фылдæр 19 æнусмæ архайдтой хъæухæдзарады нæ, фæлæ промисленады. Уæлиуæг экономикон системæ сси капитализм, цыди традиционон æхсæнады фæивд нырыкконмæ, аграрон æхсæнады — индустриалонмæ.
1859—æм азы фыццаг хатт Уæрæсейы империйы, Горы-Горкийы зæххон институты, баконди хæдхъом специалад «Экономикæ». XX æнусы кæцыдæр бæстæты рæнхъы скондæуыд административон-командон социалистон экономикæ. Иннæ бæстæты та цыди капитализмы райтынгад. XX æнусы дыккаг хайы райдыдта зонад-техникон революци, йæ фæстиуæгæн индустриалон æхсæнад æппæты размæдзыд стонты, байдыдта фæсиндустриалон кæнын.
Экономикон зонады, экономикон архайд дихкондæуы микро- æмæ макроэкономикон къæпхæнтыл, æмæ дунеон экономикæйыл.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Экономикæ, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.