Джибути (арабб.
جيبوتي) у чысыл паддзахад Цæгат Африкæйы, Сырх денджызы былгæрон (Джибутийы арæнты йæ дæргъ у 314 километры), хауы Африкæйы Сыкъайы регионмæ. Францы кæддæры колони, 1977 азы сси хæдбар.
| |||||
Девиз: «Unité, Égalité, Paix (Иудзинад, Æмхуызонад, Сабырдзинад)» | |||||
Гимн: «Flag song» | |||||
Хæдбар сси | 1977 Францæй | ||||
Æвзаг | араббаг, францаг | ||||
Сæйраг сахар | Джибути | ||||
Стырдæр сахартæ | Джибути | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Президент Премьер-министр | Исмаил Омар Гелле Абдулкадер Камил Мохамед | ||||
Фæзуат | 22 000 км² | ||||
Доны процент | - | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2009) • Æнгомад | 818 169 ад. 35,27 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2004) • Иу адæймагмæ | дунейы 168-æм 1 570 млн. $ 1 878 $ | ||||
Валютæ | Джибутийы франк (DJF) | ||||
Интернет-домен | .dj | ||||
Телефонон код | +253 | ||||
Сахатон таг | +3 |
Бæстæйы фылдæр хай у дурджын æдзæрæгран. Къæвдатæ сты стæм, уый тыххæй халсæрттæ дзы нæ зайы, æмæ уымæн сты æндæр бæстæтæй ласинаг.
Административон æгъдауæй дихгонд у 5 зылды æмæ, зылды æмдых чи у, ахæм сахарыл.
Цæрджыты нымæц у милуаны ’рдæджы бæрцмæ æввахс. Сæ динмæ гæсгæ сты сунниттæ (94%) æмæ чырыстæттæ (6%).
Джибутийы стырдæр адæмтæ сты афар æмæ сомали (иссæ), уыдоны ’хсæн фыдахаст стыхджын, æмæ 1992 азæй 1994 азмæ се ’хсæн уыдис хæстæмбæлдтытæ (Афары сыстады номæй дæр зындгонд сты). Хæстæн кæрон счындис бадзырды фæрцы, фæлæ бадзырды фæстæ дæр, суанг 2001 азы онг уыдис тыхмитæ.
Экономикæйы бындур у денджызон транспорт. Джибути у Эфиопийы сæйрагдæр порт. АИШ (ИНО-йы номæй) Сомалимæ куы балæбурдта, уæд Джибути иста хорз æфтиаг. 2001 азæй Джибути АИШ-æн æххуырсты хуызы дæтты æфсæддон базæ Лемонье, кæддæры Францы фæсарæйнаг легионы казармæтæ. Базæйы командæгæнæг у Джон Хекман.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Джибути, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.